Алы адӕмы хаттӕн дӕр йӕ мадӕлон ӕвзаг у 'ппӕтӕй стырдӕр хӕзна.
21:34
15.05.2026
Алы адӕмы хаттӕн дӕр йӕ мадӕлон ӕвзаг у 'ппӕтӕй стырдӕр хӕзна.
Дунейыл цы ӕвзӕгтӕ ис, уыдонӕй бирӕтӕ сӕфты къахыл лӕуд сты ӕмӕ цӕмӕй уыдоны 'хсӕн ирон ӕвзаг дӕр ма бахауа, уый тыххӕй нӕ хъӕуы Къостайы рӕсугъд ӕвзаг цасты гагуыйау хъахъхъӕнын.
Афта фазӕгъынц, ӕвзаг, дам, бинонты 'хсаен гуыры. Сывӕллон йӕ бинонты хсӕн фыццаг ныхас иронау куы фехъуса, фыццаг ирон зарӕг куы сахуыр кӕна, зӕрдӕйа йа уӕд бауарздзӕни ӕмӕ йӕ уӕд хондзӕн йӕ мадӕлон.
Абон нӕ культурайы Галуаны дӕр бӕрӕггонд ӕрцыд ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бӕрӕгбон. Уый фӕдыл скъоладзаутӕ нӕ ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бындурӕвӕрӕг Хетаегкаты Къостайы цырты
цур бакастысты ӕмдзӕвгтӕ, кӕцыты дзырд цӕуы ууыл-мадӕлон ӕвзаг кӕй у нӕ хӕзнатӕн сӕ хӕзнадӕр.
Цӕй уӕдӕ, ӕмӕ йӕ ма рох кӕнӕм нӕ хуыздӕр хӕрзтӕн сӕ хуыздӕр кӕй у не 'взаг, ӕмӕ йӕм иу боны цӕстаей ма кӕсӕм!
Оставить сообщение: