Сахат
16:42
03.03.2026
Сахат
Раджы иу æнахуыргонд лæг хохæй быдырмæ рацæйцыд æмæ фæндагыл ссардта сахат. Хъусы сахатмæ, æмæ йæ цъыкк-цъыкк цæуы.
— Ай цы диссаг у, цы дзы цъыкк-цъыкк кæны мидæгæй, — загъта лæг, йæхæдæг дур фелвæста, æмæ йыл æй ныццæвынмæ куыд хъавыд, афтæ йæм сахат дзуры:
— Ма ныццæв, хорз лæг, курын дæ, байхъус мæм иу ныхасмæ.
Лæг фæджих. Уалынмæ йæм сахат дзуры:
— Æз дæн афонбарæн дзаума, адæмы тынг æхсызгон чи хъæуы. Нæ мын æхсæвæр дæттын хъæуы, нæ — сихор. Афтæмæй æнæрынцойæ кусын. Æцæг мæ рæстæгæй-рæстæгмæ ифтындзын хъæуы дæгъæлæй. Ныр æркæс, æмæ мæ куы нæ асæттай, уæд дæхицæн дæр æмæ дæ бинонтæн дæр хуыздæр уыдзæн. Дæхицæн уымæй хуыздæр у, æмæ зондзынæ, дæ куыстмæ дæ цы афон цæуын хъæудзæн, уый. Дæ сывæллæттæн та уымæй хорз уыдзæн, æмæ зондзысты, райсомæй сæ цы афон стын хъæуы; скъоламæ сæ цы афон цæуын хъæуы, уый; мæнмæ гæсгæ, сæ хæрд, сæ сыстад уыдзæн уыцы иу афон, æмæ уыдзысты æнæниз.
— Ай æцæг хорз дзаума куы у, — загъта лæг æмæ йæ буцæй йæ роны бакодта.
Уæдæй фæстæмæ хохаг лæг сахат фелвас-фелвас кæны æмæ афонтæ нымайы.
Оставить сообщение: