Адæмон къæлиндары зымæджы бæрæгбæтты æхсæн Комахсæн ахсы ахсджиаг бынат.
13:12
20.02.2026
Адæмон къæлиндары зымæджы бæрæгбæтты æхсæн Комахсæн ахсы ахсджиаг бынат. Ахæссы дыууæ къуырийы бæрц; фыццаг - «фыдыкомбæттæн» (уæд ма Стыр Комдарæны размæ æмбæлы дзидза хæрын); дыккаг – «урсы къуыри»: дзидза хæрæн нал ис, фæлæ æмбæлы æрмæст æхсырæй конд хæринæгтæ æмæ æйчытæ хæрын. Ацы къуыри ма хонынц «хьæлдзæг къуыри». XIX æнусы тæккæ райдайæны Ирыстонмæ æрбафтыди скæсæйнаг бæстæты цард ахуыргæнæг немыцаг Юлиус Клапрот. Уый фыста, зæгъгæ: «февраль — комахсæн мæй у хъæзтыты рæстæг. Уыцы мæй саразынц хъазтизæртæ, хиирхæфсæн хъæзтытæ, фæбадынц бæхтыл, махмæ Урсы къуырийы куыд вæййы, афтæ куывдты фæбадынц
Оставить сообщение: