Комахсæн у ирон адæмы иумæйаг бæрæгбон.
09:46
09.02.2026
Комахсæн у ирон адæмы иумæйаг бæрæгбон. Кодтой йæ Ногбонæй æртæ-фондз къуырийы фæстæдæр, Стыр комбæттæнæй та дыууæ къуырийы раздæр. Кæд æмæ-иу Ногбонæй æртæ-фондз къуырийы фæстæдæр æркуырдта, уæд зымæг хуыдтой цыбыр, кæд æмæ фондз-авд къуырийы фæстæдæр, уæд та - даргъ. Комахсæны хуыцаубонæй Фыдыкомбæттæнмæ нымад уыдис Комахсæны къуырийыл. Галæргæвдæн хуыцаубоны æргæвстой Хуыцау кæнæ Мыкалгабыры номыл нывонд галтæ. Нывонды хъуырыл кодтой къæбæл, дардтой йæ буц, зылдысты йæм хуыздр холлæгтæй, кусгæ йыл нæ кодтой. Исты знаггад ракодта, зæгъгæ, уæд æй ничи цавта. Давынмæ йæм йæ ныфс ничи хаста. Хуыцауы номыл кодтой куывдтæ. Хæдзæрттæм æрвыстой нывонды дзидзайы хæйттæ.
Оставить сообщение: