Æртгæнæн сабат у ног марды фæдыл æгъдау.
08:50
02.01.2026
Æртгæнæн сабат у ног марды фæдыл æгъдау. Зæронд заманы-иу тъæнджы мæйы фыццаг сабаты райсомæй зианджын бинонтæ сæ хæдзары раз арт скодтой. Уырдæм-иу рахастой дыууæ чъирийы, цæхх, нуазинаг æмæ-иу сæ дыууæ сыкъаимæ фынгыл æрæвæрдтой. Сыхæгтæ æмæ-иу хæстæджытæ бацыдысты, артыл-иу сугтæ бавæрдтой, бадзæбæх-иу æй кодтой, сæ къухтæ-иу æм батавтой æмæ-иу сдзырдтой: «Дæ разы афтæ судзæд æмæ дæ хъарм кæнæд. Тъæнджы хъызтæн дын дæ ингæн сæлын ма уадзæд». Уый фæстæ-иу фынджы цур ног мардæн радыгай рухс загътой. Рагон адæм, уæлдайдæр та хæхбæсты цæрджытæ, арф миты хъæпæнты лæгæрдгæйæ суг хастой уæлмæрдтæм æмæ марды ингæны цур арт кодтой, загътой-иу ын рухс. Уыцы бон-иу бинонтæ хæдзары фынг æрæвæрдтой æмæ-иу сылгоймагæй-нæлгоймагæй рухс загътой мардæн. Ратæрфæс-иу кодтой афтæ, зæгъгæ, «Мард рухсаг уæд. Иæ зынджы хай уæлæуыл сæфт макуы уæд. Иæ хъармы хай йæм хæццæ кæнæд» Уый фæстæ-иу загътой, зæгъгæ, амæй фæстæмæ ацы хæдзармæ хорз хъуыддæгтæм æмбæлæг куыд уæм, ахæм арфæ нын Хуыцау ракæнæд! Хæдзары хицау (фысым) та йæхирдыгæй раарфæ кæны афтæ: «Рæстаудæн уыл кæнæд. Цардаудæн уыл фæкæнæд. Уæ Ногбоны æртытæ фидæны фылдæрæй фенут удыгæсты номыл» (Пусть покинувший этот мир благодетельствует вам с того света. Разжигайте только праздничные костры).
Оставить сообщение: