ХИСТÆРÆН ЙÆ ФЫНДЗ АМÆРЗ
11:06
04.01.2026
ХИСТÆРÆН ЙÆ ФЫНДЗ АМÆРЗ
ÆМÆ ЙÆ ЗОНДÆЙ БАФÆРС.
Раджы кæддæр на фыдæлтыл, нæртон адæмыл, мæгуыры бон æртыхст: тыхгæнæг знæгтæ сæ хæхты цъассытæм батардтой, æмæ сæ зæрæдты былæй æппæрстой, цæрæнхос кæй нал фаг кодта, уый тыххæй. Уыцы был хуыдтой «Хистæрты æвзилæн къардиу».
Нарты Батрадз дæр йæ фыд Хæмыцы фæласта æмæ йæ расхуыста æхгæд къутуйы. Къуту бæласы бындзæфхадыл фæхæцыд, æмæ лæг ауындзæгæй баззад. Батрадз æм айнæгыл ныххылд,
хъавыд æй йæ къахæй ныссонынмæ, фæлæ йæм Хæмыц дзуры:
- Хуыцау мæ кæм нæ мары, уым ды цы кæныс?
Батрадз æй уæлбылмæ схаста, къæдзæхы тæрхæтыл ын бынат сарæзта, уырдæм ын сусæгæй хæринаг хаста.
Иухатт Батрадз æнкъардæй ссыд. Хæмыц æй фарсы:
- Цы кæныс? Кæд нæ адæм, мыййаг, базыдтой?
- Нæ, - зæгъы Батрадз. - Нарты фос цагъды кæнынц цыдæр
низæй, æмæ уый тыххæй æнкъард дæн.
Хæмыц ын бацамыдта: «Бирæгъы дæндаг, гæдыйы хъуын æмæ мысты къæдзил басудз, сæ сыгъдæттæ сын доны баппар хурысасты агъоммæ».
Батрадз афтæ бакодта - фос нал зиан кодтой.
Иннæ хатт дæр та мæтъæлæй ссыд Батрадз.
- Цы бæллæх та æрцыд?
- Хор нæ уыдзæн, æвзар йа быныл баруад, бампылд.
Хистæр ын: «Фыры халцоны мысты хъус æмæ хъусхилæг нывæр æмæ сæ хæрагбадæн бæласы бын баныгæн». Бакодта та Батрадз уый дæр, æмæ хортæ зайын байдыдтой фыццаджы
хуызæн.
Æртыккаг хатт йæ чемы нæй Батрадз, æрхуымæй æрлæууыд Хæмыцы раз йæ хæринæгты бастимæ:
- Нартыл рын сыстад, мæлынц.
Ныр та зæронды ныхас уыди: «Куыдзы фист, уасæджы сис æмæ хуыйы бæркъа чъиссайы авæрдæй халоны æфцæгыл æрцауындз æмæ сæ Сау хохæй разыввытт лас». Ирвæзыны хос фæци ацы амынд дæр.
Батрадзы хорзæх куыннæ бафиппайдтой Нарт:
- Нæ ирвæзынгæнæг! Нæ ирвæзынгæнæг!
- Æз нæ дæн уæ ирвæзынгæнæг.
- Уæдæ чи?
- Куы йа базонат, уæд мæныл зæрдæхудт нæ уыдзæн?
- Нæ уыдзæн.
Æмæ сын радзырдта Хæмыцы хабæрттæ.
Нарты дзыллæ уæдæй фæстæмæ сæ зæрæдты былæй нал æппæрстой, уæлдай кад сын кодтой, сæ бадæн - уæле, кусарты сæр æмæ
бæрзæй сын сæ разы æвæрдтой, фарстой сæ уынаффæйæ.
Ацы ныхас дæр уæдæй баззад: «Хистæрæн йæ фындз амæрз æмæ йæ зондæй бафæрс».
Оставить сообщение: