Рекламный баннер 990x90px header-top
Валюта Дата знач. изм.
USD 25.02 76.63 0.12
EUR 25.02 90.58 0.3

Ирон адæмы зæрдæйы цæхæры стыр бынат ахсы Къоста

12:00 01.11.2025
Ирон адæмы зæрдæйы цæхæры стыр бынат ахсы Къоста. Æнæмæлгæ фæлгонц у йæ хуыз Иры цъæх арвыл, алы райсом дæр нæм æрттивгæ хурау арвы кæронæй æрбазыны йæ диссаджы сурæт ахæм дзырдтимæ: «Рухсмæ æнæзивæг цомут æнгомæй!»… Æгæрон у Иры уарзондзинад Къостамæ. Йæ райгуырæн боны фæдыл алы аз дæр Ирыстоны скъолаты кадджын уавæры ацæуынц цымыдисаг мадзæлттæ. Къостайы кадæн Алагиры районы « Пагæты Хъазыбеджы номыл сывæллæтты сфæлдыстады центр»-ы дæр ( йæ директор Хъæрджынты Анджелæ) бæстонæй бацæттæ кодтой ахадгæ мадзæлттæ. Æрæджы Алагиры фæндзæм скъолайы райдзаст актон залы арæзт æрцыд районы скъоладзаутæн конкурс «Иумæ нæ рамбырд кæн , арфæйы дзырд!», кæцы ран залы сценæйæ аивæй сабиты хъæлæстæй хъуысыдысты Къостайы æрдхæрæны нæртон æвзагæй фыст æмдзæвгæтæ æмæ кадджытæ, инсценировкæтæ йæ уацмыстыл . Ацы конкурсы зæрдиагæй архайдтой фæндзай скъоладзауæй фылдæр. Мадзалæн фæлтæрдджын разамынд лæвæрдта Алагиры 5-æм скъолайы райдиан кълæсты ахуыргæнæг Сæбанты Мæринæ. Уый иттæг хорз бацæттæ кодта скъоладзаутæй аивæй чи касти бæрæгбоны сценари , ахæм зæрдæргъæвд æмæ сæрæн амонджыты: Гæззаты Кирæ æмæ Пæррæстаты Самирæйы – 5-м скъолайы 8 -м къласы ахуырдзауты. Сценарийы фæстæ конкурс райдыдта Алагиры районы фæсивæдимæ социализацийы центры сæрдар Цомайты Алан арфæйы ныхæстæй. Уый загъта: « Æрвылаз дæр æнæхъæн Ирыстон цин кæны октябры мæйы Къостайы райгуырæн боны бæрæгбоныл. Къоста сси нæ дзыллæйы духовон фæтæг, ирон удыхъæд рæсугъдгæнæг, Иры фæсивæдмæ уый сидт ахуырады æмæ аивады бæрзæндтæм æнæзивæгæй куыд тырной. Табу Хуыцауæн, Къостайы фарн æмæ лæгдзинæдтыл иры фæлтæртæ зæрдиагæй зарынц скъолаты алыхуызон уагдæтты. Фыдæлты ныхæстæ раст уыдысты: " Зæрдæйæ цы цæуы, зæрдæмæ дæр уый хъарыˈˈ. Къостайы « Ирон фæндыр» æппæтæй дæр зæрдæйæ цæуы æмæ нæ зæрдæтæм дæр уымæн афтæ арф хъары! Æмæ нæ уымæн ацы бон иу ранмæ æртымбыл кодта Къостайы арфæйы дзырд…». Ацы мадзалы хъæппæрисджынæй сæхи равдыстой æмæ систы конкурсы уæлахиздзаутæ : Фардзинты Мурат - Къостайы ролы, Хъайтыхъты Геор-фыййауы ролы æмæ Мерденты Елизаветæ (1къл., 5-м скъ., сæ ахуыргæнæг Дзбойты Ноннæ) – «Æррæ фыййау»-ы инсценировкæ); Хæллаты Самирæ (7 къл, 5-м скъ. йæ ахуыргæнæг Чертыхъоты Лейлæ); Рæмонты Эвæ (3 къл. интернат, йæ ахуыргæнæг Зембатты Ирмæ); Уалыты Арианнæ, 6-м къл., , Уалыты Чермен , 6къл., интернат - сæ разамонæг Кобесты Эльвирæ); Быгъуылты Алинæ (6-м къл., интернат, йæ разамонæг Джиоты Аланæ); Гаджиты Давид (7къл. интернат,йæ ахуыргæнæг Черчесты Риммæ); Туаты Аминæ (2къл. «Æнæ хай»,йæ ахуыргæнæг Джиголаты Альбинæ); Тохсырты Мæдинæ(7къл. «Катай»,йæ разамонæг Дзуццаты Кристинæ); Гуылаты Батрадз (2къл., «Додой»,йæ разамонæг Кæсæбиты Зæлинæ); Болотаты Сæрмæт, Реуазты Альберт, Гуылдаты Амелинæ – 4 къл. 5-æм скъола, сæ ахуыргæнæг Сæбанты Маринæ æмæ иннæтæ. Уыцы бон сабитæ сценикон инсценировкæты хъазгæйæ тынг саив кодтой ирон нывæфтыд уæлæдарæстæй. Къостайы уацмыстæ сценæйыл æвæрдæй цардæгасæй равдыстой ирон мифологийы дауджытæй æппæты зæронддæр Фсатийы сурæт. Цæсты ахадгæ уыдысты сывæллæттæ сæ уарзон Къостайы ролы хъазгæйæ куыд равдыстой æхсидгæзæрдæ поэты адæмы бартыл тохгæнæгæй, уыцы сценæтæ. Цыбыр ныхасæй, сывæллæттæ ирдæй равдыстой, Къоста рæсугъд æмæ кадджын цæмæй у Ир дæр уымæй кæй у рæсугъд æмæ кадджын..! Конкурсы архайджыты арæхстдзинадæн аргъгæнæг уыдысты жюрийы уæнгтæ – Сывæллæтты сфæлдыстады центры специалисттæ: Айларты Светланæ, Сидахъты Галинæ , Цомайты Алан, Хацъæты Анджелæ æмæ Кæсæбиты Неля. Фæстагмæ мадзалы кæронбæттæны, Алагиры районы фæсивæдимæ социализацийы центры номæй, йæ сæргълæууæг Цомайты Алан раарфæ кодта: «Къостайы ˈˈИрон фæндырˈˈ- ы алæмæттаг рæнхъытæй азæлыд уæлæ уыцы банерыл рухсмæ æнæзивæг сидæг стих: ˈˈИумæ нæ рамбырд кæн, арфæйы дзырд!ˈˈ æмæ æцæгæйдæр, ацы къуырийы дæргъы Къостайы бæрæгбоны фæдыл Иры дзыллæ кæрæдзимæ æнгом æрбаиу сты цæгатæй - хуссармæ…». Уый фæстæ Цомайы-фырт конкурсы активондæр архайæг сывæллæтты сæ разамонæг ахуыргæнджытимæ схорзæхджын кодта дипломтæ æмæ грамотæтæй.
54

Оставить сообщение:

Поделитесь новостями с жителями города
Если Вы стали свидетелем аварии, пожара, необычного погодного явления, провала дороги или прорыва теплотрассы, сообщите об этом в ленте народных новостей. Загружайте фотографии через специальную форму.
Полезные ресурсы
Рекламный баннер 728x90px center-bottom