Мультфильм "Лунтик йе'мбӕлттимӕ" сдзырдта иронау. ️Сӕрд йӕ тӕмӕны бацыд, сывӕллӕттӕ сӕхи ирхӕфсынц алыхуызон цымыдисаг хъӕзтытӕй, гимназ "Диалог"- ы ахуырдзау Касаты Алинӕ, Бӕтӕхъойыхъӕуы астӕуккаг скъолайы ахуырдзаутӕ Бигъаты Аланӕ ӕмӕ Хуымарты Аминӕ та архайынц сӕ улӕфты рӕстӕг пайдаимӕ ӕрвитыныл. Бафӕндыд сӕ ирон ӕвзагмӕ сӕ уарзон мультфильм ратӕлмац кӕнын. Ацы чызджыты 'руаджы ныр Лунтик йе'мбӕлттимӕ сдзырдта иронау. ️Мультфильм бирӕты зӕрдӕмӕ кӕй фӕцыд, уый чызджыты сразӕнгард кодта иннӕ серитыл дӕр бакусын. Нӕ зӕрдӕ сын зӕгъы бирӕ ӕнтыстдзинӕдтӕ!
Оставить сообщение: